Ногиры сцалцæг кодтой фæндаг Ленины номыл уынджы
Ногиры дыууæ къуырийы размæ сцалцæг кодтой Ленины номыл сæйраг уынг. "Æдас æмæ хъæрзхъæд фæндæгтæ"-йы Национ проекты фæлгæты баивтой асфальт. Раздæр фæндаг уыд заууат уавæры. Бирæ азты дæргъы дзы уыд стыр дзыхъхъытæ, уый аххосæй-иу æрцыд фæндаггон фыдбылызтæ дæр. Сентябры райдиан та Ногиры фæзындзæн ног фæлладуадзæн бынат. Парк кæнынц "Горæты æнцонвадат уавæртæ аразаны программæ"-мæ гæсгæ. Аразджытæ сног кодтой къахвæндæгтæ, сæвæрдтой рухсдæттæн системæ æмæ фонтан. Уыдзæн ма дзы бандæттæ æмæ сывæллæттæн хъазæн фæз дæр.