41 мин абонентæн фехъусын кодтой сæ хæсты тыххæй информаци
«Газпром межрегионгаз Дзæуджыхъæу»-ы оператортæ пандемийæйы рæстæг 41 мин абонентæн фехъусын кодтой сæ хæсты тыххæй информаци. Апрелæй октябрмæ 27 мин абонентæй фылдæр сæ хæсты тыххæй базыдтой телефонты хъусынгæнинæгты фæрцы. Республикæйы цæрджытæй уыцы æмгъуыдмæ колл-центрмæ æрбадзырдтой 17 мин хаттæй фылдæр. Фæлхасгæнджытӕн сæ фылдæры фæндыд хæсты тыххæй æмæ нымайæнты бæрæггæнæнтæ базонын. Коронавирусы инфекцийы рæстæг дæрддзæфмæ хуызы хъусынгæнинæгтæ сты ахсджиаг, зæгъы «Газпром межрегионгаз Дзæуджыхъæу»-ы генералон директор Хъодзаты Алан. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
41 мин абонентæн фехъусын кодтой сæ хæсты тыххæй информаци
Категория:
Новости и СМИ