Ирыстойнаг дæлхайæдтæн æфсæддон операцийы бынатмæ арвыстой материалон-техникон гæрзт
Сергей Меняйло æмæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан радон хатт ирыстойнаг дæлхайæдтæн сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ арвыстой материалон-техникон гæрзтæ. Се 'хсæн хъомысджын дронтæ, нырыккон квадрокоптертæ. Раздæр дæр ма дыууæ республикæйы разамонджытæ иумæйагæй фронтмæ æмбæлгæ ифтонггæрзтæ фæхæццæ кодтой.