Ахæм хабæрттæ// 2022/ 21 февраля
Коронавирусæй ног рынчынты нымæц Цæгат Ирыстоны чысыл фæкъаддæр. Дзæуджыхъæуы та фæнд кæнынц 45 ног трамвайы ауадзын. Цæуыл ма дзырдтой аппаратон æмбырды. Спутникы поселочы сæйраг уынгтæй иуы зæгъæн ис æмæ асфальт нæй. 11 азы бынæттон цæрджытæ сæ хъаст хæссынц алыхуызон инстанцитæм, фæлæ хъуыддаг нырма йæ бынатæй нæ сæнкъуысыд. Сывæллæтты уæлæмхасæн центр Беслæны кусы 60 азæй фылдæр. Курдиатджын фæсивæды рæзтæн у хорз хъомыс. Ныртæккæ дзы цæуыл ахуыр кæнынц уый радзурдзыстæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv