Евгений Вахтанговы хæдзар-музей дарддæр цалцæг кæнынц
Объекты историон хуыз бахъахъхъæнын. Ахæм хæс сæ размæ сæвæрдтой Евгений Вахтанговы номыл хæдзар-музейы реставратортæ. Куыстытæ райдыдтой фарон ноябры. Проектмæ гæсгæ бæстыхайы уыдзæн чысыл театралон зал æмæ арт-кафе. Цалцæггæнæн куыстыты тыххæй бæстондæр нæ дарддæры æрмæджы. Кирилл Крок Дзæуджыхъæумæ ссæуы дыууæ къуырийы иу хатт. Ацы бæстыхайы рацарæзтмæ хъæуы бæстонæй кæсын. Алы къæпхæн дæр ис специалисты бæрны. Барон Штенгейлы агуыридур. Ацы дурæй срæсугъд кæндзысты Вахтанговы номыл музей-хæдзары æддаг бакаст. Историон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы къултæ ныффидар кæндзысты беттонимæ æмхæццæ æфсæйнаг табурæткæйæ. Ног конструкцитæ дæр уыдзысты ацы æрмæгæй конд. Куыстытæ райдайдзысты ацы къуыри. Фыццаг уæладзыгæн йе ’ддаг бакаст, зæгъæн ис, æмæ аивгонд æрцыд. Сног ма дзы кæндзысты 1970 азы арæзт сæйраг дуæрттæ. Хъæдæрмæгимæ архайынц компани «Скифос-РСК»-йы минæвæрттæ. Фæнд ма кæнынц инженерон хызæгтæ банывыл кæнын. Ахсджиаг у зымæджы размæ фæуын. Егъау куыстытæ райдыдтой фарон ноябры. Кæронмæ фæуыдзысты иннæ аз уалдзæджы. Проект «Вахтанговы хæдзар-музей»-æн æхцайы фæрæзтæ рахай кодтой федералон программæйы руаджы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ 2022 азы Вахтанговы театр бæрæг кæндзæн йæ равзæрды 150 азы юбилей, Мæскуыйы Вахтанговы театрыл та æххæст кæны 100 азы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv