Аппаратон æмбырды фæлгæты РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло æрдзырдта ахсджиаг фарстатыл
Цæгат Ирыстоны коронавирусæй рынчынты нымæц фæфылдæр 49,3%, ивгъуыд куыриимæ абаргæйæ. Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы разамонæг. Бæлвырд дзургæйæ та, рынчынты бæрц сси 2810 адæймаджы. Районты бæрнадтæн бахæс кодтой дарддæр дæр хъус дарын уавæрмæ. Рынчындæтты уæгъд бынæтты бæрц у 140. Ивгъуыд къуыри 2429 адæймаджы спайда кодтой вакцинæйæ. Уый хыгъды, уавæр нырма тæссаг кæй у, уый фæдыл республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло бахæс кодта тагъд æххуысы клиникон рынчындон иумæйаг системæмæ бахæссын. Республикæйы дарддæр дæр куыст цæуы туаггуыры станцæтыл. Тагъд рæстæджы сæрмагонд проекттæ дæр фæзындзысты. Уæдæ гæрзтæ самал кæныны куыст дæр цæуы. Ацы фарстамæ йæ хъус æрдардзæн арæзтады министрад. Нæ ацыдысты туаггыры заводы арæзтады фарстайы рæзты дæр. Ныридæгæн уал техникон куысытытæ цæуынц. Æрдзырдтой бюджетон куыстуæтты мызды фарстайыл. Бæрнад куыд фехъусын кодта, афтæмæй, фарста иуварсгонд æрцыд. Дардæр æм сæ хъус дардзысты. Уæвгæ, байгом кодтой, «Горячая линия» кæй хонынц, ахæм комкоммæ бастдзинады номыр. Æмбырды фæлгæты ма сбæрæг паддзахадон академион ансамбль «Алан» -ы хъысмæт. Сæ бынат уал раивдзысты «Дети Гор»-ы бæстыхаймæ. Уыимæ сæм фидæны æнхъæлмæ кæсы гастролты фæлгæты 42 концерты. Куыст цæуы бæхты театр «Нарты»-йы бæстыхайы арæзтадыл дæр. Сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ куыстытæ хъæуы бакæнын тагъд, фæлæ хъуамæ уой хæрзхъæд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv