Алагиры сæрмагонд программæйы фæлгæты нывыл кæнынц æхсæнадон бынæттæ æмæ хæдзæртты кæртытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

68 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

68 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

68 просмотров

6 лет назад

Алагиры нывыл кæнынц æхсæнадон бынæттæ æмæ хæдзæртты кæртытæ. Уый федералон проекты фæлгæты. Ныртæккæ уал цалдæр уынгмæ базылдысты, фæлæ куыстытæ цæуынц дарддæр. Фидæны цы бынæттæ æрцæудзысты аивгонд, уый цæрджытæ æвзарынц сæхæдæг. Хъæлæс кæнынæн интернеты арæзт æрцыд сæрмагонд платформæ. Сывæллæттæн стыр фæзуат, сыгъдæг уæлдæфæй улæфынæн замманай аив бынат. Районы цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц, ам фæлладуадзæн бынат кæд фæзындзæн, уымæ. Ацы аз программæмæ гæсгæ Алагиры районы базылдысты 8 æхсæнадон бынатмæ æмæ 10 бирæуæладзыгон хæдзары кæртмæ. Æхсæнадон 4 фæзуаты ма Алагиры районы æнхъæлмæ кæсынц сæ рацарæзтмæ. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц Цæлыккаты номыл уынджы, Хетæгкаты Къостайы номыл уынджы хæдзары кæрт та ныридæгæн йæ хуыз скалдта: ног асфальт дзы байтыдтой, бандæттæногтæй баивтой. Хъæлæс кæнынæн арæзт æрцыд иу федералон платформæ. Хъæлæс кæныны рæстæг райдайдзæн 26-æм апрелы æмæ ахæсдзæн 30-æм майы онг. Схъæлæс кæныны бар уыдзæн, 14 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдонæй се ’ппæтæн дæр. Хуыздæр фæзуатыл нымад цы бынат æрцæудзæн, уый аразгæ у цæрджытæн сæхицæй. Хъæлæстæм гæсгæ суынаффæ кæндзысты, раздæр цы фæзуатмæ хъæуы базилын, уый. Схъæлæс кæнæн ис æппæт районтæй 90 æхсæнадон бынатыл. Ахсджиагдæрыл нымад кæцы рцæуа, уымæ базилдзысты 2022-æм азы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Алагиры сæрмагонд программæйы фæлгæты нывыл кæнынц æхсæнадон бынæттæ æмæ хæдзæртты кæртытæ

Категория:

Новости и СМИ