Беслæнæй Дзæуджыхъæумæ трассæйы 15 км сцалцæг
Беслæнæй-Дзæуджыхъæумæ трассæйы 15 км сцалцæг кæндзысты. Куыстытæ райдыдтой ацы аз, майы. Скалдтой фæндаджы уæлцъар, ныртæккæ йæ æмраст кæнынц, уый фæстæ дзы байтаудзысты геосеткæ. Асфальты бетон уыдзæн 5 см. Уый уымæн цæмæй дзы къæвдадон бынмæ ма ахъара. Æнæкъуызырттытæй фæндаг фидар уыдзæн зæххæнкъуыстытæм дæр. 46 фæзилæны æмæ æфсæнвæндаджы сæрты ахизæнты дæр фæндаг сног кæндзысты. Къæвдайы дон зæхх кæм бахæры уым хуыр калд æрцæудзæн, æдасдзинадæн ма кусджытæ ныффидар кæндзысты фæндаггæрæттæ. Проекты фæлгæты, Алханчуртмæ`ввахс базилдзысты 2 дондзæуæн хæтæлмæ. Уымæй уæлдай 7 æрлæууæны, къахвæндæгты 500 метры, рухсгæнæн системæ æмæ фæндаггон нысæнттæ дæр ивд æрцæудзысты. Фæндаг сцалцæг кæндзысты 2021-æм азы, октябры кæронмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Беслæнæй Дзæуджыхъæумæ трассæйы 15 км сцалцæг
Категория:
Новости и СМИ