Æрыдоны районы сæ тæмæны сты Уæлахизы бонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

Уæлахизы бонмæ бирæ нал баззад. Ацы бон ахсджиаг у нæ бæстæйы алы цæрæгæн дæр. Цæгат Ирыстоны дарддæр цæттæ кæнынц бæрæгбонмæ. Æрыдоны районы снысан кодтой бирæ мадзæлттæ. Се хсæн æфсымæрон ингæнты цалцæг дæр. 9-æм майы та Æрыдоны ацæудзæн кадджын парад. Æрыдоны районы бæстонæй цæттæ кæнынц Уæлахизы бонмæ. Районы сæргълæууæджы хъæппæрисæй бирæ объектты цæуы арæзтадон куыстытæ. Сæ иу советон хæстонты æфсымæрон ингæн. Ацы бынаты ныгæд æрцыд 800 салдаты. Уыдон сæ цард радтой нымыцаг фашисттимæ тохы. Объект рагæй уыд цалцæггæнинаг. Ацы аз дзы равæрдтой ног плиткæ, аивæзтой быру, сахуырстой цыртдзæвæн. Æфсымæрон ингæны фарсмæ та ис æнусон арт. Уæлахизы бон æнусон арты раз ацæудзæн парад. Бæрæгбоны размæ дзы сног кодтой рухсдæттæн системæ. Федтам ма ноджы иу æфсымæрон ингæн. Ам ныгæд ис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 100 хæстоны. Ныртæккæ ацы фæзуат бæстонæй æфснайынц Цæгат Кавказы фæсивæдон спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Дарддæр цалцæг кæнынц 319-æм æхсæн девизийы æфсæддонты мемориал дæр. Æрæджы дзы баивтой ногæй плиткæ. Быру дæр ногæй ныффидар кодтой. Мемориалмæ æппынæдзух сæ хъус дарынц мидхъуыддæгты министрады районы хайады кусджытæ. Æмткæй райсгæйæ, сцалцæг кодтой 20 объекты. Уæлахизы бонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ цæуынц æмдыхæй-æмхæцæй. Уымæн æмæ алкæмæндæр 9 май у ахсджиаг бон. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æрыдоны районы сæ тæмæны сты Уæлахизы бонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ

Категория:

Новости и СМИ