Хуссар Ирыстоны цæрджытæ бæрæг кæнынц Джеры дзуары бон
Хуссар Ирыстоны цæрджытæ дарддæр бæрæг кæнынц Джеры дзуары бон. Ахæсдзæн 11-æм октябрьмæ. Уæдмæ адæм сæхи фæдзæхсынц Джеры дзуарыл. Бæрæгбон райдыдта 29-ӕм августы æхсæвы. Уæдæй нырмæ адæм сæ фæндаг кæнынц дзуармæ. Дзуарыл адæм сæхи фæдзæхстой сæдæгай азты дæргъы. Куывдмæ цыдысты афæдз дыууæ хатты - Майрæмы мæйы кæрон æмæ Джеоргуыбайы мæйы Уастырджийы бонты. Бæрæгбон-иу ахаста къуыри, адæм-иу æм сæхи цæттæ кæнын райдыдтой рагацау. Джеры дзуармæ кувынц зæрдиагæй. Адæмы уырны, дзуармӕ æгæрон тых кæй ис, уый. Цæмæй æнæниздзинад ракурой, уый тыххæй дзуарæн нывонд кæнынц кусæрттæгтæ. Джеры дзуарыл адæм абон дæр фæдзæхсынц сæхи. Скувынц æм, цæмæй сæ Джеры Уастырджийы хорзæх уа æмæ амондджын фæндæгтыл цæуой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны цæрджытæ бæрæг кæнынц Джеры дзуары бон
Категория:
Новости и СМИ