Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзары æддаг фарсыл фæзынд Черчесты Станиславы ныв
Дзæуджыхъæуы Мамсыры-фырты уынджы бирæуæладзыгон хæдзарыл фæзынд Черчесты Станиславы сурæт граффитийы хуызы. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ дзы ацы ныв фæзынд Европæйы чемпионаты агъоммæ. Нывы Черчесты Станиславы уæлæдарæсыл Уæрæсейы герб, йæ фæйнфарс нæ горæты зынгæдæр бынæттæ. Нывы бæрзæнд 15 метры, йæ уæрх та — 16 метры. Футболистты ахæм хуызы нывтæ ма фæзындзысты горæттæ Братск æмæ Балашихæйы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Черчесты Станислав Уæрæсейы Иугонд командæйы сæйраг тренер сси 2016 азы. Уыцы рæстæгмæ нæ футболон командæ Дунейы чемпионаты финалы йæхи хорз равдыста. Ацы бæрæггæнæн нæ бæстæйы футболы историйы нымад у хуыздæрыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзары æддаг фарсыл фæзынд Черчесты Станиславы ныв
Категория:
Новости и СМИ