Павлодольскæйы станицæйы бирæсывæллонджын бинонтæ газæй фæхъæстæ сты
Павлодольскæйы станицæйы бирæсывæллонджын бинонтæ газæй фæхъæстæ сты. 31-аздзыд сылгоймаджы йӕ фондз сывæллонимæ фæхæццæ кодтой Мæздæджы рынчындонмæ. Бакодтой сын хъæугæ медицинон æххуыс. Ныртæккæ сæ цардæн тæссаг ницæмæй у. Фыдбылызы аххосæг — газы пецæй пайда кæнгæйæ æдасдзинады домæнтæ æххæстгонд кæй не рцыдысты, уый. Æвирхъау цауы фæдыл мидхъуыддæгты министрады снысан кодтой басгæрст. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv