Нигкоты Безайы бахæссдзысты Уæрæсейы рекордты чиныгмæ
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Нигкоты Беза 1944-æм азы равдыста, Уæрæсейы историйы æмбал кæмæн нæй, ахæм сгуыхтдзинад - бацахста знаджы аэродром 140 хæдтæхæгимæ. Хъуамæ йын радтаиккой Советон Цæдисы хъæбатыры ном, фæлæ цыдæр аххосæгты тыххæй йæ хæрзиуæг йæ къухы нæ бафтыд. Ныр хистæр Лейтенант Нигкоты Безайы сгуыхтдзинад бахæссдзысты Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Дæсгай азтæ кæуыл рацыд, уыцы къамтыл рæстæг йæ фæд ныууагъта. Сæ хуыз аивтой, фæлæ сæ Нигкоты бинонтæ уæддæр æфснайдæй дарынц, цыфæнды стыр хæзнатæй сын зынаргъдæр сты. Бирæ рæсугъд мысинæгтæ баззад Безайы тыххæй йæ фырты фырт Алибекы зæрдæйы дæр. Æрмæст йæ ном дæр ын зынаргъ у. Нигкоты Беза сырх æфсады рæнхъытæм ацыд 1939-æм азы. Æфсадмæ цæуынмæ йын раджы уыд, фæлæ йæхи номхыгъды ныффыссын кодта. Уымæн æмæ æмбæрста, зын рæстæг кæй æрхæццæ кæны, уый. Уыцы аз райдыдта Дыккаг дунеон хæст. Уым ахуыр куы фæци Беза, уæд хæцыди Цæгат-Кавказы, Хуссар-Ныгуылæны, 1-æм Украинаг фронтты. Архайдта Румыни, Венгри æмæ Чехословаки сæрибары тохты. 1944-æм азы Венгрийы бацайдагъ тугкалгæ хæст алы зæххы гæппæлыл дæр. Махческаг хъæбатыр лæппуйы рæстдзæф æхстæй иу 'знаг иннæйы фæдыл сæфт. Дарддæр цы сгуыхтдзинад равдыста Нигкойты Беза, уымæн нæ бæстæйы историйы æмбал нæй. Мотоæхсæг къорды разамонæг уæвгæйæ, бацахста знаджы аэродром 140 хæдтæхæгимæ æмæ йæ фæурæдта 657-æм æхсæг полчы æрбацыдмæ. Афтæ 24-аздзыд лæппуйы фæтæн риуыл сæрттывта Сырх тырысайы орден. Æмæ та ногæй иу карз тох ивта иннæйы. Цы стыр хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй хистæр лейтенант Нигкоты Безайæн хъуамæ радтаиккой Советон Цæдисы хъæбатыры ном, фæлæ цыдæр аххосæгты тыххæй йæ хæрзиуæг йæ къухы нæ бафтыд. Куыд рабæрæг, афтæмæй Нигкоты Беза иунæг нæу. Уыцы хъайтарты сгуыхтдзинæдтæн аккаг аргъ скæныныл стыр куыст кæны патриотон клуб «Райгуырæн бæстæ». Хæстонты ном цæмæй рохуаты ма баззайа, уый тыххæй сæ номыл схуыдтой уынгтæ. Ис уынг Безайы номыл дæр - Æрæфы районы Советское хъæуы. Безайы сгуыхтдзинад, историкы ныхæстæм гæсгæ, у Уæрæсейы рекордты чиныгмæ бахæссыны аккаг. Балæвæрдта курдиат дæр. Уæлахизы бонмæ æхсызгон хабар кæй фехъусдзæн, ууыл йæ зæрдæ дары. Уый у йæ райгуырæн хъæубæсты цæрджыты бæллиц дæр. Хæсты фæстæ Беза бирæ фæкуыста бæрнон бынæтты. Хуымæтæг, фæллойуарзаг, æнæхин, зæрдæхæлар адæймаг уыд зæгъынц, чи йæ зыдта, уыдон. Бинонты царды дæр алцыдæр æмбæрста. Сыхбæсты дæр кæддæриддæр цæттæ уыд баххуысмæ. Йæ цардæй ахицæн 1984-æм азы. Мæгуыр азтæ, хæсты фыдæбæттæ - алцæмæн дæр ныббыхсыдта ирон хъайтар Нигкоты Беза. Йæ цоты - иу лæппу æмæ æртæ чызджы - схъомыл кодта, рахуыдта сæ раст фæндагмæ, йæ фæстæ хорз фæд ныууагъта. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Нигкоты Безайы бахæссдзысты Уæрæсейы рекордты чиныгмæ
Категория:
Новости и СМИ