РЦИ-Аланийы Парламенты советы æмбырды æрныхас кодтой ахсджиаг закъоны проекттыл
Ахуырадон кусæндæтты лæггæдты аргъ, гæнæн ис, æмæ фæкъаддæр уа, дистанцион хуызы кусын куы райдайа, уæд. Ахæм уынаффæ рахастой Уæрæсейы наукæ æмæ уæлдæр ахуырады министрады. Фарстайыл æрныхас кодтой парламенты советы æмбырды. Уыдис абон. Дзырдтой ма ахуырадон лæггæдты аргъыл дæр. Фæныллæгдæр уыдзæн, æнæнхъæлæджы уавæрæй тæссаг куы уа Уæрæсейы, уæд. Æрныхас ма кодтой социалон æххуысы фарстатыл дæр. Уæрæсейы субъекттæн бар уыдзæн, социалон лæггæдтæ æмбæлгæ хуызы чи не `ххæст кæны, уыцы организациты сæрмагонд реестрæй фæиппæрд кæнын. Раздæр ахæм бартæ регионтæн нæ лæвæрдтой. Ныр сын фадат уыдзæн, социалон лæггæдтæ чи исы, уыдоны бартæ æххæстæй бахъахъхъæнынæн. Ныхас ма цыд, наркотиктæ æмæ сæрызондыл чи ахады, ахæм буаргъæдты зилдухыл дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы Парламенты советы æмбырды æрныхас кодтой ахсджиаг закъоны проекттыл
Категория:
Новости и СМИ