Цæгат Ирыстоны Хъазыбеджы хохмæ хизгæйæ альпинистты къорд зæйы бын фæци
Цæгат Ирыстоны Хъазыбеджы хохмæ хизгæйæ, 4 мин метры æмвæзадыл альпинистты къорд зæйы бын фæци. Уый тыххæй хъусын кæны Æнæнхъæлæджы цауты министрады пресс-службæ. Альпинисттæ хохмæ хизын райдыдтой Гуырдзыстоны ’рдыгæй. Хъыгдæрд баййафджытæй иу – сылгоймаг. Рагагъоммæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ йæ къах асаста. Æдæппæтæй цал адæймаджы фæцæфтæ, уый бæрæг нæу. Сæрмагонд службæйы хæдтæхæг хъуамæ фæхæццæ уа бынатмæ æмæ адæмæн æххуыс бакæна. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv