Профессионалон цæттæдзинады центры ныхас цыд скъоладзаутæн фидæны дæсныйад равзарын баххуыс кæныны
Дзæуджыхъæуы ныхас цыд скъоладзауты фидæны дæсныйад равзарыны системæйыл. Æмбырды дзырдтой националон технологон олимпиадæты архайдыл, «Фыццаг дæсныйад», зæгъгæ, уыимæ Worldskills Russia-Junior проекттыл. Астæуккаг ахуырады аттестатимæ сывæллæттæн фадат ис профессионалон къабазы зонындзинæдтæ райсынæн. Мадзалы фæлгæты сарæзтой дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Уым бæстонæй дзырдтой фидæны дæсныйæдты сусæгдзинæдтыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv