Цæгат Ирыстоны covid æй чи фæрынчын, уыдоны нымæц у 3 477
Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны коронавирус рабæрæг кодтой ноджы 37 адæймагмæ. Афтæмæй тæссаг низ кæмæ ис, уыдоны нымæц сси 3 477. 3 142 коронавирусæй сдзæбæх сты. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Дохтырты цæстдард ис 818-мæ. Сovid -ы аххосæй республикæйы фæмард 58 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц у 7 801 адæймаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны covid æй чи фæрынчын, уыдоны нымæц у 3 477
Категория:
Новости и СМИ