Транскам байгом кодтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн
Хуссар Ирыстонмæ цæуынвæнд чи кæны, уыдонæн хъусынгæнинагæй. Транскам байгом кодтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн дæр. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрады регионалон разамынды пресс-службæ. Райсомы 10 сахатæй фæстæмæ фæндыгыл ис ацæуæн. Фæлæ Буронæй дарддæр Ручъы тоннелы онг тынг тæссаг у дурзæйтæ рацæуынæй. Уымæ гæсгæ ма ирвæзынгæнджытæ иу хатт сидынц, цæмæй адæм сæхи фыдбылызы ма `фтауой. Куыд гæнæн ис, афтæ уал сæ балц фæстæдæрмæ аргъæвæнт. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзынæн, раздæр Транскам сæхгæнын бахъуыд, дуртæ йыл кæй æркалд, уый тыххæй. Амондæн, адæмæй дзы хъыгдард ничи баййæфта. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Транскам байгом кодтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн
Категория:
Новости и СМИ