Мæздæджы цæрæг, улæфæн аппараты руаджы чи цæры, уымæ коронавирус нæ рабæрæг
Коронавирусæй кæй фæрынчын, уый тыххæй гуырысхо кодтой Мæздæджы цæрæгыл. Ныртæккæ ис рынчындоны, йæ рæуджытæ кусынц улæфæн аппараты руаджы. 31-æм мартъийы 1976-æм азы гуырд сылгоймаг бахауад Мæздæджы рынчындонмæ. 10 бонмæ райдыдта хуыфын, йæ буары тæвд схызт, йе*уæнгтæ æрлæмæгъ сты. Йæхæдæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2 къуырийы размæ æрыздæхт Мæскуыйæ. Сарæзтой ын сæрмагонд иртæстытæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæм коронавирус нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæздæджы цæрæг, улæфæн аппараты руаджы чи цæры, уымæ коронавирус нæ рабæрæг
Категория:
Новости и СМИ