Лейкозæй рынчын сабиты цард фервæзын кæнын ахæм фадат Дзæуджыхъæуы цæрджытæн ис тугдæттæн станцæйы
Лейкозæй рынчын сабиты цард фервæзын кæнын - ахæм фадат Дзæуджыхъæуы цæрджытæн ис тугдæттæн станцæйы. Цæгат Ирыстоны ныридæгæн регистраци скодтой 800 доноры. Уый та, фароны азимæ абаргæйæ, у дыууæ хатты фылдæр. Цыппар адæймагæй систы, алы аз дæр йæ туг чи ратты, ахæм донортæ. Туг раттыны бон у 18 азæй-45 азы онг кæуыл цæуы, уыцы адæймæгтæн. Уый тыххæй хъæуы анкетæ баххæст кæнын æмæ туг 9 миллиграмм раттын. Уый фæстæ хъусынгæнинаг бахæссынц донорты национ регистры сæрмагонд базæмæ. Акци аразджытæ сты Уæрæсейы фонд æмæ Хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы уæнгтæ. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй туг раттын йæ къухы кæмæн нæ бафтыд, уыдонæн уыцы фадат уыдзæн 24-æм сентябры онг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Лейкозæй рынчын сабиты цард фервæзын кæнын ахæм фадат Дзæуджыхъæуы цæрджытæн ис тугдæттæн станцæйы
Категория:
Новости и СМИ