Фæллой æмæ социалон рæзты министрады программæйы фæлгæты Алагиры районы бафыстой 18 социалон
Æххуысцух бинонты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Уый фæдыл арæзт у Фæллой æмæ социалон рæзты министрады мæгуырдзинадимæ тох кæныны программæ. Йæ фæлгæты 2021-æм азы социалон æххуыс райсдзысты 1000 адæймагæй фылдæр. Ныридæгæн уал сæрмагонд гæххæтт чи бафыста, уыцы адæмы нымæц у 130. Æххуыс сын кæндзысты куыст ссарынмæ, амалхъомдзинады хи бафæлварынмæ æмæ зæххы куыст кæнын райдайынмæ. Программæйы архайынц нæ республикæйы æппæт районтæ дæр. Йæ райрæзтыл кусынц 4 ведомствæйы: Фæллойады, Экономикæйы райрæзты, Хъæууон хæдзарады министрадтæ æмæ Куыстдæттыны комитет. Фæстаг рæстæг туризмы авналæнтæ нæ республикæйы зынгæ фæхуыздæр сты. Ирыстонмæ уазджытӕ сбирӕ кӕныныл алы хуызы архайынц. Ифтонг кæнынц артобъекттæ, информацион фæйнæджытæ. Уыцы ногдзинæдтæ уынгæйæ, Цæгæраты Владимир сфæнд кодта ацы къабазы райдайын кусын. Владимиры фæндыд йæхи хæдтулгæйыл ласын туристты, фæлæ йæ хæххон фæндæгтыл цæуынæн сифтонг кæнын йæ къух нæ амытта. Куы йæ базытта, фæллой æмæ социалон рæзты министрады мæгуырдзинады ныхмæ тохы программæйы фæлгæты ис хи бафæлварæн амалхъомады, уæд сфæнд кодта социалон котракт бафыссын. Йæ фæнд сæххæст кæнынæн ын рахай кодтой 250 мин сомы. Цæттæ у Ирыстоны историон бынæтты тыххæй радзурын дæр. Амалхъомады хи бафæлварынæн, куыст ссарынæн æмæ хи хæдзарад райрæзын кæнынæн 2021-æм азы социалон æххуыс æдæппæтæй райсдзысты 1000 æххуысцух адæймагæй фылдæр. Уыдоны курдиæттæм æркæсыны тыххæй нысангонд æрцыд сæрмагонд къамис. Архайынц дзы экономикон райрæзты министрады, куыст дæттыны комитеты, амалхъомадæн æххуысы фонды минæвæрттæ æмæ æхсæнады уæнгтæ. Сæ бадзырды гæххæттытæ программæйы архайджытæн Алагиры район сæ къухтæм ратта кадджын уавæры. Ӕдæппæтæй сты 18-æй. Районы разамынд куыд бафиппайдта, афтæмæй хорз у, архайджыты 'хсæн æрыгон адæм кæй ис, уый. Уыдонæй иу - Лолаты Зæринæ дæр. Фæнды йæ байгом кæнын фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыргæнæн центр. Алагиры районы социалон лæггæдты комплексон центры разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, районæн æдæппæтæй рахай кодтой 21 милуан сомы бæрц. Программæ арæзт у 3 азмæ, æмæ контракттæ фысдзысты афӕдз иу хатт. Алагиры район дарддæр дæр архайдзæн мæгуырдзинады ныхмæ тох кæныны программæйы. Ныридæгæн 2022 азы социалон контракт бафыссынмæ сæ курдиæттæ балæвæрттой 25 æххуысцух адæймаджы. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæллой æмæ социалон рæзты министрады программæйы фæлгæты Алагиры районы бафыстой 18 социалон
Категория:
Новости и СМИ