Цæгат Ирыстоны богæлттæ сæхи дарддæр цæттæ кæнынц Олимпаг хъæзтытæм

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

16 просмотров

5 лет назад

Æрвылбон тренеровкæтæ сæрмагонд фæткмæ гæсгæ. Цæгатирыстойнаг богæлттæ сæхи цæттæ кæнынц Токиойы Олимпаг хъæзтытæм. Спорстментæ сæ тыхтæ фæлвардзысты 23 июлæй 8 августы онг. Къæпхæнгай спортментæ сæхи цæттæ кодтой ерыстæм. Ныр та сын фæзынд рæстæг сæ хæстæджытимæ рæстæг арвитын æмæ баулæфынæн. Спортментæ æмæ сæ тренертæ дæр сæ ныфс дарынц æрмæст уæлахизыл. Гозымты Хетæджы ныхæстæм гæсгæ, алы уæзы дæр ирон спортсментæн уыдзæн тыхджын ныхмæлæуджытæ. Се ппæт дæр æнхъæлмæ кæсынц хорз бæрæггæнæнтæм. Иугонд командæйы уæнгтæ сæхи цæттæ кодтой дыууæ къæпхæнмæ гæсгæ. Райсом та цæгатирыстойнаг богæлттæ ацæудзысты Мæскуымæ. Уым сын ратдзысты сæрмагонд уæлæдарæс. Стæй уæд цалдæр боны фæстæ абалц кæндзысты Владивостокмæ. Уым уыдзысты сæ кæронбæттæны тренировкæтæ. Владивостокы спорстментæ арвитдзысты дыууæ къуырийы. Уыцы рæстæгмæ сахуыр уыдзысты ног уавæртыл. Горæтæн Токиоимæ ис иу рæстæджы фæтк. Сæ тыхтæ нæ богæлттæ бафæлвардзысты 4 августæй 7 августы онг. 32-æм олимпаг хъæзтыты Уæрæсейы минæвæрттæ уыдзысты 8 спортсмены. Архайдзысты 5 спорты хуызмæ гæсгæ. Уæгъдибар хъæбысхæстæй сæ арæхстдзинад æвдисдзысты Сидахъхъаты Зауырбег, Найфонты Артур æмæ Козырты Сергей. Уæззау атлетикæйæ -Наниты Тимур. Дзюдойæ - Хуыбецты Алан æмæ Таймазты Мæдинæ. Теннисæй- Хъæрæцаты Аслан æмæ бæхыл бадыныл спорты хуызæй Андрей Митин. Арфæйы ныхæстæ ерысты размæ ирыстойнаг атлеттæн æрвитынц Америкæйы цæрæг ирæттæ дæр. Ацы видеокадртæ нын æрбарвыстой Бельгийæ, Амырычы цæрæг ирæттæ. Цæгат Ирыстоны цæрджытæн ракуырдтой æнæниздзинад æмæ амонд. Олимпаг хъæзтыты нæ республикæйæ, чи архайдзæн уыцы спортсментæн та уæлахиз. Ацы аз эпидемиологон уавæр хынцгæйæ олимпаг хъæзтытæ ацæудзысты æнæ кæсджытæй. Фæлæ, уæддæр спорстсментæ дæрддзæгмæ дæр æнкъардзысты спортуарзджытæ сæ фарс кæй уыдзысты, уый. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv