Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ архайдтой æппæтуæрæсеон ахуырты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 лет назад

Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ архайынц æппæтуæрæсеон ахуырты. Сæ сæйраг хæс у бахъуаджы рæстæг донивылдтытæй адæмы фервæзын кæнын, стæй бынæттон цæрджыты æрдзон зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæнын. Ныртæккæ цæуы ахуырты æртыккаг къæпхæн. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ Дзæуджыхъæумæ ввахс æрцыд æрдзон зынгсирвæзт. Дымгæйы аххосæй стыр фæзуатыл апарахат. Ахуырты бацархайдтой Æнæнхъæлæджы цауты управленийы аэромобилон къордтæ, æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы, æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадтæ, пъæлицæйы, Уæрæсейы гварди æмæ ирвæзынгæнджыты æппæтуæрæсеон корпусы кусджытæ. Æнæнхъæлæджы цауты управленийы разамонæг ахуыртæн скодта аккаг аргъ. Фыццаджыдæр сбæлвырд кæнæм ахуырты сæрмагонд пълан. Ахуырты дыккаг хайы фæаразæм хæххон цæугæдæтты ивылдтыты æмæ æндæр æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг ирвæзын кæныны мадзæлттæ. Абон та ахуырты фæстаг бон ирвæзынгæнджытæ архайдтой æрдзон зынгсирвæзтытæ иуварс кæныныл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ архайдтой æппæтуæрæсеон ахуырты

Категория:

Новости и СМИ