Рейды паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ рацыдысты Æрыдоны районы
Республикæйы арæзт цæуынц мадзæлттæ, цæмæй сбæрæг кæной нозтджын шофырты. Ацы хатт рейды паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ рацыдысты Æрыдоны районы. Сæ нысан у фæндаггон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр кæнын. Фæндаггон фыдбылызтæ арæх æрцæуынц нозтджын шофырты аххосæй. Цæмæй ахæм æвирхъау цауты нымæц къаддæр кæна, ууыл архайынц паддзахадон инспектортæ. Сидынц адæммæ, цæмæй хъуыддагмæ куыдфæндыйы цæстæй ма кæсой. Нозтджын шофыр арæхдæр машинæ скъæры, цас æмбæлы, уымæй тагъддæр, рацæуы фæндаджы иннæ хаймæ, фæндаггон нысантæ ницæмæ даргæйæ, халы уагæвæрд. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахæм æвæлмæст шофырты 30 мин сомы ивар фидын кæй бахъæудзæн, уыимæ хæдтулгæ тæрыны бардæттæг гæххæттытæ ист æрцæудзысты афæдз æмæ æрдæгæй дыууæ азы онгмæ, уый. Дыккаг хатт закъоны сæрты куы ахиза, уæд та йæ ныхмæ байгом кæндзысты уголовон хъуыддаг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Рейды паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ рацыдысты Æрыдоны районы
Категория:
Новости и СМИ