Алайнаг гимназы театралон къорд аивадуарджыты размæ рахаста Антон Чеховы уацмысмæ гæсгæ æвæрд спекта

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

Аивадуарзджытæн йæ дуæрттæ фыццаг хатт байгом кодта Алайнаг гимназы театр. Схуыдтой йæ «Аллон». Æрыгон артистты æмæ сæ аивадон разамонæджы руаджы иронау сдзырдтой Антон Чеховы хъайтартæ. Зындгонд фыссæджы райгуырды 160 азмæ театралон къорд бацæттæ кодта спектакль йæ радзырдмæ гæсгæ. Сæйраг фæлгонцтæ дзы раргом кодтой райдиан кълæсты ахуырдзаутæ. Спектаклы архайджытæ - 4-æм къласы ахуырдзаутæ. Сæхи цæттæ кодтой афæдзæй фылдæр. Алы фæлгонцыл дæр бакуыстой бæстонæй. Чысыл артистты ныфс ис, спектакль театрдзауты зæрдæмæ кæй фæцæудзæн, уымæй. Сабитæй йæ роль алчидæр зоны. «Хуыссæг мæ ахсы» - афтæ хуыйны спектакль. Æвдыст дзы цæуы чысыл чызг Варяйы зын цард. Хæдзары уаргъ йе 'уæхсджытыл æрынцад. Гыццыл æй æрбадын дæр бæргæ фæнды. Хуыссæг дæр æй ахсы, фæлæ йæ нырма хъæуы картоф бастъигъын, дуканимæ ауайын, сывæллоны аузын æмæ хицауы дзабыртæ асæрфын. Антон Чеховы хъайтартæ иронау сдзырдтой республикæйы сгуыхт артисткæ, ирон театры актрисæ æмæ режиссер Æлхъацаты Мæдинæйы руаджы. Уый у алайнаг гимназы театралон къорды разамонæг. Радзырд ратæлмац кодтой журнал Ногдзауы рауагъдады редактор Сæлбиты Дианæимæ иумæ. Æлхъацаты Мæдинæ куыд зæгъы, афтæмæй скъоладзаутимæ раздæр дæр сценæйыл æвæрдтой аргъæуттæ, уацмыстæй скъуыддзæгтæ. Фæлæ спектакль «Хуыссæг мæ ахсы» у сæ фыццаг стыр куыст. Алайнаг гимназы уæлæмхасæн ахуырадмæ 'здахынц уæлдай æргом. Ныртæккæ дзы ис 14 къорды. Се 'хсæн аивадон, техникон, музыкалон, литературон æмæ спортивон. Къордты сæйрагдæр у, сывæллæттæ иронау кæй дзурынц, уый. Гимназы разамонæг Цæразонты Мæдинæ куыд загъта, афтæмæй йын тынг æхсызгон у, ныр сын сæхи театралон къорд кæй ис, уый. Спектакль ацыд санитарон домæнтæ хынцгæйæ. Залы сабитæ бадтысты, иу бадæн бынат се 'хсæн цух, афтæмæй. Театр «Аллон»-мæ ис бирæ пълæнттæ. Сæ аивадуарзджытæн цæттæ кæнынц ног спектакль - аргъау «Чиполлино» иронау. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Алайнаг гимназы театралон къорд аивадуарджыты размæ рахаста Антон Чеховы уацмысмæ гæсгæ æвæрд спекта

Категория:

Новости и СМИ