58 æм æфсады службæгæнджытæ ард бахордтой фыдыбæстæ хъахъхъæнын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Хуссар æфсæддон зылды, 58- æм æфсады службæгæнджытæ ард бахордтой фыдыбæстæ хъахъхъæнын æмæ хъæбатыр уæвыныл. Мотоæхсæн хайæдтæй æдæппæтæй ард бахордтой 20 æрыгон салдаты. Сиддонтæ зæрдæ бавæрдтой, æфсады æппæт домæнтæ зæрдæргъæвдæй кæй æххæст кæндзысты, уымæй. Ард хæрыны кадджын мадзалы æрыгон салдæттæн арфæйы ныхæстæ загътой æфсæддон дæлхайæдты командыгæнджытæ. Мадзалмæ æрбацыдысты æфсæддонты хиуæттæ, хæлæрттæ æмæ ныййарджытæ. Сæ ныстуан уыд фыдæлты хъæбатырдзинад хъуыдыгæнгæйæ сæрбæрзондæй Уæрæсейы кад размæ хæссын. Традицимæ гæсгæ æфсæддонтæ ард бахордтой, сæ размæвæрд хæстæ кад æмæ радæй кæй æххæст кæндзысты, уый тыххæй. Ардхæрды фæстæ æрыгон лæппутæн райдайдзысты сæрмагонд ахуыртæ, амондзысты сын хæцæнгарзимæ æмæ æфсæддон техникæйæ куыд пайда кæнын хъæуы, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

58 æм æфсады службæгæнджытæ ард бахордтой фыдыбæстæ хъахъхъæнын

Категория:

Новости и СМИ