Хетæгкаты Къостайы номыл парчы фонтан цалцæг кæнынц
Хетæгкаты Къостайы номыл парчы фидауц - фонтан цыбыр рæстæгмæ йæ хуыз скалдзæн. Сарæзтой йæ ивгъуыд æнусы. Уыцы рæстæгмæ бирæ хатт раивта йæ хуыз. Ныртæккæ цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Йе 'ддаг бакастæй уæлдай ма фонтанæн ногæй раивтой æппæт коммуникацитæ дæр. Хетæгкаты Къостайы номыл фæзы фонтан фæзынд ивгъуыд æнусы 30-æм азты. Йæ раздæры хуыз ын бирæтæ хъуыды дæр нал кæнынц. Фыццаг архивон къамтæм гæсгæ йæ астæу уыд хинайæг лæппу. Гæбуты Вячеслав паркæн разамынд дæтты 30 азæй фылдæр. Хорз ма йæ хъуыды кæны, фонтан цалдæр хатты саст æмæ цалцæггонд куыд æрцыд, уый. Фæстаг азты та бынтондæр нал куыста. Ноггонд фæзæн йæ фидауц афтæмæй ныууадзын раст нæ уыдаид. Фонтанæн канд йе ’ддаг бакаст нæ аивдзæн. Баивтой æппæт коммуникацитæ дæр. Дондзæуæн хæтæлтæ. Æрбауагътой йæм электрон тых. Куыстытæн сæ фылдæр хай фесты. Боныхъæд нæ куы нæ бакъуылымпы кæна, уæд къуырийы фæстæ фонтан скусдзæн. Баззад ма композици сæрмагонд ахорæнæй сахорын. Парапет кæронмæ саразын, йæ бын æмæ фæрстæ снывыл кæнын. Фонтаны алфамблай къутæртæ дæр баивдзысты. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, куыстыты 70 проценты ныридæгæн æххæстгонд сты. Парчы разамынд сиды горæты цæрджытæм, цæмæй сæ рæстæг æрвитгæйæ, бырон ма кæной. Афтæмæй ма уæд Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æмæ уазджыты цæсты бирæ азты дæргъы ахаддзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хетæгкаты Къостайы номыл парчы фонтан цалцæг кæнынц
Категория:
Новости и СМИ