Тугъанты Махарбеджы номыл аивадты музейы байгом сæрмагонд равдыст нывгæнæджы райгуырды 140 азы кадæн
Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы байгом равдыст «Наше наследие», зæгъгæ. Баст у нывгæнæджы райгуырды 140 азы бонимæ. Кадджын мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны Национ зарæджы нæлгоймæгты паддзахадон къорд. Музейы равæрдтой Тугъанты Махарбеджы 130 куысты. Се ’хсæн раздæр æвдыст чи нæ уыд, ахæмтæ дæр — Тугъаны Энверы театралон равдыстыты коллекцийы куыстытæ. Экспозицийы фенæн ис графикæ, театралон декорацитæ æмæ æндæр хуызы конд куыстытæ. Равдыст ахæсдзæн сентябры онг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv