Йæ цардæй ахицæн авиацийы инæлар, республикæйы ветеранты советы сæрдары хæдивæг Бедойты Руслан
Æнкъард хабар. Йæ цардæй ахицæн авиацийы инæлар, республикæйы ветеранты советы сæрдары хæдивæг Бедойты Руслан. Æфсæддон-уæлдæфон тыхтæн радта 30 азæй фылдæр. Службæ райдыдта хуымæтæг курсантæй æмæ сси Карпаты цур Æфсæддон зылды авиацийы разамонæг. Бедойты Руслан дыууæ хатты радта йæ интернационалон хæс. Хъахъхъæдта Йемен æмæ Египеты арæнтæ. Уым равдыста дæсны тæхæджы курдиат, æхсар æмæ лæгдзинад. Хæстон хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхгонд æрцыд кадджын ордентæй æмæ майдантæй. Æгæрон бавæрæн Бедойты Руслан бахаста авиацион хуызты спортмæ. Планеристтæ, парашютон ерыстæ, авиамоделон спорты райрæзт республикæйы æнгом баст у Русланы номимæ. Æгæрон тыхæй уарзта йæ райгуырæн бæстæ, ахадгæ бавæрæн бахаста æрыгон фæлтæры раст хъомыладмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Йæ цардæй ахицæн авиацийы инæлар, республикæйы ветеранты советы сæрдары хæдивæг Бедойты Руслан
Категория:
Новости и СМИ