Скъоладзауты 'хсæн райдыдта конкурсы регионалон къæпхæн
«Æвзонг бархион» æркасты регионалон къæпхæн райдыдта Цæгат Ирыстоны. Ерысты архайынц 20 адæймаджы — Дзæуджыхъæуы æмæ районты скъоладзаутæ. Хъуамæ бакусой хи проектыл æмæ йæ бахъахъхъæной. Уæлахиздзауты æвзардзысты дыууæ номинацимæ гæстæ — социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм куыст, стæй скъолайы бархионты хуыздæр къорд. Уæлахиздзаутæ та хъахъхъæндзысты республикæйы кад æппæтуæрæсеон æмвæзадыл. Конкурс «Уæрæсейы бархион»-ы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv