Хуымæллæджы рæвдауæндон бындурон цалцæджы фæстæ нысангонд æмгъуыдмæ нæ байгом
Хуымæллæджы сывæллæтты рæвдауæндон 30 азæй фылдæр бындурон цалцæггонд нæ уыд. 2021 азы январы дзы райдыдтой куыстытӕ. Хъæуы цæрджытæ уымæ рагæй æнхъæлмæ кæсынц. Пъланмæ гæсгæ хъуамæ бæстыхай цæттæ уыдаид июны. Фæлæ абон дæр йæ дуæрттæ нæма байгом кодта. Фарстайыл æрныхас котой аппаратон æмбырды республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ. Рæвдауæндон цæттæ цæуылнæ у, æмæ сабитæ цалцæггонд бæстыхаймæ кæд рацæудзысты, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Хуымæллæджы сывæллæтты рæвдауæндоны разамонæг Туаты Алан кæсы цалцæггонд бæстыхаймæ. 88 азæй абонмæ бындурон рацарæзт нӕ баййӕфта. Кусджытæ йæм зылдысты хи хъарутӕй. Фæлæ, рæстæг куыд цыд, афтӕ бӕстыхай дӕр хӕлд. Йӕ ныккæнд донæй дзаг кæнын райдыдта. Къултæ схъуына сты, згъæлын райдыдтой. Ранæй-рæтты афаз сты. Уый аххосæй фыццæгæм уæладзыджы кусыны фадат нал уыд. Ивгъуыд аз январы рæвдауæндон райдыдтой цалцæг кæнын. Бæстыхайæн баивтой йæ сæр. Сног кодтой æппæт коммуникацитæ дæр. Ногтæй баивтой дуæрттæ, пъолтæ. Сæвæрдтой сантехникæ. Пъланмæ гæсгæ объект хъуамæ цæттæ уыдаид июны. Фæлæ куыстытӕ æххæстгæнæн компани нысангонд æмгъуыдмæ нӕ фӕци цалцӕг. Йæ дуæрттæ рæвдауæндон хъуамæ байгом кæна январы кæронмæ. Уӕдмӕ хъуамæ аиуварс кæной æппæт хъæндзинæдтæ дæр. Райхалинаг ма у бæстыхайæн йæ алфамблай фæзуаты фарста. Районы ахуырады управленийы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй æппæт хъæугæ гæрзтæ дæр бынат снывыл кæнынæн æлхæд сты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv