Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты министрады ацыдысты зынгхуыссынгæнджыты ’хсæн ерыстæ
Дзæуджыхъæуы ацыдысты æнæнхъæлæджы цауты министрады зингсирвæзты ныхмæ къордты ерыстæ. Ирвæзынгæнджытæ æххæст кодтой цалдæр къæпхæны: равдисын сæ хъуыд сæ арæхстдзинад артимæ тохы æмæ адæмæн æххуысгæнгæйæ. Ерыстæ федта не сфæлдыстадон къорд дæр. Нæ уацхæссæг бæлвырддæр радзурдзæн сæ хæслæвæрдты тыххæй. Белеккаты Феликс Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусы 8 азы. Зынгхуыссынгæнджыты ерысты архайы æртыккæгæм хатт. Ахсджиаг сæм у хи бацæттæ кæнын. Тренировкæты фæрцы цæлхдуртимæ фæндаг ахызт æнцонтæй. Йæхи цæттæ кодта мæйæ фылдæр. "Ирвæзынгæнджытæ ацы бонмæ сæхи бæстонæй цæттæ кодтой. 4-æм уæладзыгмæ асиныл схизын, 100 метры цæлхдуртимæ фæндагыл азгъорын æмæ эстафетæ. Ныртæккæ цæуы ерысты фыццаг фæлварæн. Уым бацархайдтон. Хъæуы ма мæ дыууæ хæслæвæрды сæрты ахизын. Ерысты алы ирвæзынгæнæн хайæдтæй сæ арæхстдзинад æвдисынц 18 командæйы. 100 адæймагæй фылдæр архайынц хуыздæр суæвыныл. Иннæ къæпхæн уыдзæн регионалон. "Уæлахиздзау суæвын алкæй дæр фæнды. Бирæтæ дзы сты фæлтæрдджын спортсментæ. Фыццæгты ’хсæн куы уон, уæд мæнæй амондджындæр нæ уыдзæн. Афтæ куы уа уæд ноджы бæстондæрæй хи цæттæ кæндзынæн чемпионты уæлдæр къæпхæнмæ. Зынгсирвæзты уавæримæ баст дурджын фæндаг, сæрмагонд асинтæ æмæ эстафетæты руаджы сæрæндæртæ рабæрæг уыдзысты. Мадзал сарæзтой æнæнхъæлæджы æцæг цаутæм хæстæг уавæртимæ. "Ссыдыстæм дыууæ командæйæ, уымæн æмæ Мæздæджы гарнизоны ис дыууæ зынгхуыссынгæнæн хайы. 10 адæймаджы, уыдонæй алы къорды дæр фæйнæ 5. Фыццаг фæлварæн ныридæгæн ацыдысты. Хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой. Уæвгæ æндæр хуызы дæр хъамæ ма уыдаид. Ахæм ерыстæ цæуынц æрвылаз. Хуыздæртæй фæбæрæг кæндзысты 5 кусæджы. Уæлахиздзау та нæ республикæйы кад хъахъхъæндзæн федералон æмвæзадыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты министрады ацыдысты зынгхуыссынгæнджыты ’хсæн ерыстæ
Категория:
Новости и СМИ