Рамоновойы поселочы æмæ Майрæмададжы культурæйы хæдзæрттæ сты бындуронæй цалцæггæнинаг
Культурæйы хæдзарӕн йе 'ддаг бакаст сæ аивдæртæй нæу. Къул сæрстытæ кæй у, уый иу хъуыддаг, фæлæ ма къæйдуртæ къæртгай згъæлынц. Ууыл дис кæнын дæр нæ хъæуы. Уымæн æмæ бæстыхаймæ 80 азмæ иу хатт дæр нæ базылдысты. Уæвгæ, культурæйы хæдзар Майрæмададжы арæзт у æрмæст иу агъуыстæй. Ацы ран фыццаг раивынц сæ дзаумæттæ, уый фæстæ та дзы зарын, кæнæ кафын райдайынц. Уæдæ дзы дон æмæ хъармгæнæн системæ дæр нæй. Ахæм уавæрты зын у архайын. Ног бæстыхаймæ раивынмæ æнхъæлмæ кæсынц Рамоновойы поселочы культурæйы хæдзары дæр. 78 азмæ-иу бæстыхайы цыд æрмæст аивгæнæн куыстытæ. Къултæ æддейы-мидæгæй къæртгай хауынц. Æрæджы та фыдбылызӕй æмбисонды ирвæзт акодтой. Культурæйы хæдзары архайы 200 сывæллонæй фылдæр. Бынат дзы 'ппæты фаг нæй. Цы гыццыл сценæ дзы ис, уым цæугæ дæр нæ кæнынц. Æртæ азы размæ хъæуы цæрджытæн зæрдæ бавæрдтой культурæйы ног артдзæстæй. Фæлæ сфæлдыстад кæм ис, уым ныфссастӕн бынат нæй. Зындзинæдтæн быхсгæйæ, культурæйы хæдзæрдтæ уæддæр кусынц. Ам алчидæр зæрдæ дары, тагъд рæстæджы концерттæм сæхи æнцонвадат уавæрты кæй цæттæ кæндзысты, ууыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv