Дзæуджыхъæуы 64 æм сывæллæтты рæвдауæндоны фæзындзæн 55 бынаты
55 бынаты фæзындзæн Дзæуджыхъæуы 64-æм сывæллæтты рæвдауæндоны. Уæлæмхасæн бæстыхайы ӕрбынат кæндзысты 3 къорды. Ныртæккæ дзы кæронмæ хӕццӕ кӕнынц аивгæнæн куыстытæ. Æмбæрзынц ын йæ сæр. Лыстæг куыстытæ ма баххæст кæнын хъæуы уӕтты, медицинон кабинеты æмæ хæрæндоны. Уæлæмхасæн бæстыхай саразын къухы бафтыд национ проект «Демография» æмæ сæрмагонд федералон проекты фæлгæты. Уыимæ ма федералон æмæ республикон бюджетты æххуысæй. Паддзахадон контрактмæ гæсгæ аразджытæ æппæт куыстытæ дæр хъуамæ баххæст кæной декабрмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 64 æм сывæллæтты рæвдауæндоны фæзындзæн 55 бынаты
Категория:
Новости и СМИ