Дзæуджыхъæуы уыд æххæстгæнæн æмæ бынæттон хиуынаффæйады уæнгты æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Уæрæсейы Федерацийы закъонæвæрдмæ гæсгæ, зæххы хæйттæ цы кусджытæ æмæ куыстуæттæ райстой, уыдонæн фадат фæзынд æнæ аукционæй зæххæй дарддæр хаццоны хуызы пайда кæнын. Ныхас цæуы зæххы арендæйы æмгъуыдыл. Æнæ конкурс æмæ аукционтæй цæмæй зæххæй пайда кæнай дарддæр, уый тыххæй хъæуы паддзахадон органмæ æрбацæуын, бадзырд раздæр кæм бафыстат, уырдæм. Уыимæ йæ æмгъуыд куы фæуа, уымæй æртæ мæйы раздæр æрбацæуын. Уый тыххæй æххæстгæнæн хицауады æмæ бынæттон хиуынаффæйады уæнгтæн фехъусын кодта республикæйы амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг Медойти Тимур. Æмбырды сæрдариуæг кодта Битарты Вячеслав. Курдиатыл бакусынæн профилон ведомствойæн лæвæрд цæуы иу мæй. Уый фæстæ хъуамæ дзуапп æнæмæнг раттой. Бадзырд сфидар кæнынæн хъæудзæн 2 мин сомы паддзахадон фиддон бафидын. Юридикон бæрнондзинад кæмæ ис, уыдоны 22 мин сомы. Уый фæдыл республикæйы разамонæг бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæн бабар кодта арендаторты бадзырдтæн ревизи скæнын. Ног фæткы тыххæй радзурын хъæуы амалхъом адæмæн дæр. Æмбырды ма æрдзырдтой адæмы кæлæтдзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæ куыд æххæстгонд цæуы, ууыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы уыд æххæстгæнæн æмæ бынæттон хиуынаффæйады уæнгты æмбырд

Категория:

Новости и СМИ