Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ сбæрæг кодтой Беслæны 2 æмæ 11 сывæллæтты рæвдауæндæтты уавæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ радон хатт бабæрæг кодтой социалон объекттæ. Сæ балц ракодтой Рахизфарсы районыл. Рейды рæстæг федтой Беслæны 2-æм æмæ 11-æм сывæллæтты рæвдауæндæтты цы уавæрты кусынц, уый. Фиппаинæгтæм гæсгæ эксперттæ бацæттæ кæнынц акттæ. Арвитынц сæ дзуаппдæттæг ведомствæтæм. Рейды хатдзæгты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Дзæдзойты Фатимæ. Æппæт æнцойы фадæттимæ агъуыстытæ æмæ хъазынæн хицæн уæттæ сабитæн алы къордæн дæр. Сты ифтонггонд хъæугæ кусæнгæрзтæй. Беслæны сывæллæтты 2-æм рæвдауæндоны цы уæлæмхасæн агъуыст сарæзтой, уым сывæллæттæн ис æппæт хъæугæ уавæртæ. Афтæ зæгъæн нæй сæйраг бæстыхайæ. Хæлынц бæстыхайы къултæ æмæ йæ бындур, тæдзы цар. Уый тыххæй, сывæллæтæ цы агъуыстыты вæййынц, уым къулсæрст схъуына. Ранæй-рæтты та змæлы пъол, раст цымæ ныххауынæввонг у, уыййау. Уæдæ дондзæуæн хæтæлтæ дæр æмбæлгæ уавæры не сты. Беслæны сывæллæтты дыккæгæм рæвдауæндон сарæзтой 1965-æм азы. Æмæ хæлгæ дæр куыд нæ кæна? 55 азы дæргъы бындуронæй цалцæггонд иу хатт дæр нæ уыд. Афтæмæй та ныры онг ардæм цæуы 194 сабийы. Эксперттæм фарстатæ разынд кæрты хъазæн фæзы æдасдзинады фæдыл дæр, херытæ цы цæджындзтыл фидаргонд сты, уыдон заууатмæ æрцыдысты. Уымæй уæлдай ма цалдæр азы размæ сывæллæтты рæвдауæндоны зæххыл райдыдтой амайын бæстыхай. Банымадтой йæ æнæзакъоныл, æмæ арæзтад æрлæууыд. Фæлæ ныр æрдæгарæзт къултæ сывæллæтты æдасдзинадæн сты тæссаг. Уæдæ æмбонд дæр æгасæй хъæуы раивын. Агъуыстыты сыгъдæгдзинадмæ æмæ хæринаг дæттыны фæткмæ эксперттæм фиппаинæгтæ нæ разынд. Кæд бæстыхайы уавæртæ хуыздæрцух сты, уæддæр æй кусджыты къорд дары сыгъдæг æмæ аивæй. Дарддæр эксперттæ бабæрæг кодтой Беслæны 11-æм рæвдауæндон. Ам дæр ног уæлæмхасæн бæстыхайы æрбынат кодтой кæстæр къорды сывæллæттæ. Йæ уавæрмæ æппæтуæрæсæон адæмон фронты уæнгтæм кæд фарстатæ нæ разынд, уæд рахизæны бафиппайдтой, уæлцъар лæгъз кæй нæу. Ам сывæллæттæн фæкæлынæй тæссаг у. Сæйраг бæстыхайы уавæрмæ æмæ куысты фæткмæ фиппаинæгтæ нæй. Хъæндзинæдтæ аиуварс кæныны тыххæй дзуыапп радта Рахизфарсы районы администрацийы ахуырады управленийы разамонæг Цъæхилты Олег. Цъæхилты Олег, Рахизфарсы районы администрацийы ахуырады управленийы разамонæг: «Кæртыты æмæ хъазæн фæзты æдасдзинадмæ цы фарстатæ ис, уыдон тагъд рæстæджы аиуварс кæндзыстæм. Уый æнцон хъуыддаг у. Зындæр у 2-æм рæвдауæндоны бæстыхайы уавæры фарста. Кæд скъолаты бындурон цалцæгæн ис федералон программæ, уæд сывæллæтты рæвдауæндæттæн, ахæм программæ нысангонд не рцыдис. Кæй зæгъын æй хъæуы, республикон бюджетæй сæм æрвылаз базилæм, фæлæ 40-50 азы цы бæстыхæйттыл цæуы, уыдонæн уый фаг нæу. Бындурон цалцæджы бæсты ныридæгæн районы арæзт цæуынц сывæллæттæн ног рæвдауæндæттæ. Уырдæм раивдзысты сывæллæтты заууат рæвдауæндæттæм цы сабитæ цæуынц, уыдоны». Ныридæгæн Рахизфарсы районы Хуымæллæджы сывæллæтты рæвдауæндон бындуронæй цалцæг кæнынц. Уæдæ сабитæн амайынц Ног бæстыхæйттæ Беслæны дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ сбæрæг кодтой Беслæны 2 æмæ 11 сывæллæтты рæвдауæндæтты уавæр

Категория:

Новости и СМИ