Ахæм хабæрттæ // 2020 / 22 декабря
Цæгат Ирыстоны ахуырады къабазы фарстатыл ныхас кодтой Уæрæсейы рухстауыны министрады. Республикæйы районты арæзт цæуынц ног скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ. Нывыл кæнынц уæлæмхасæн ахуырады бæстыхæйттæ дæр. Пълæнтæ ма бирæ. Амалхъомады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн æххуыс. Грантты æркасты архайынц йæхи проекттыл чи кусы, уыдон. Æххуысы бæрц милуан сомæй фылдæр. Дзæуджыхъæу скалдта бæрæгбоны цæхæртæ. Ног азмæ барæсугъд кодтой уынгтæ æмæ æхсæнадон фæзтæ. Цæрджытæн уарзон бынæттæ дæр фæзынд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 2020 / 22 декабря
Категория:
Новости и СМИ