Фæсивæдон форум «Машук-2019»-ы уæлахиздзау сывæллæтты ахуыр кæны декоративон сфæлдыстадыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

«Маяк» - афтæ схуыдта фæсивæдон форум «Машук»-ы уæлахиздзау Агънаты Мæдинæ йæ аивадон студи. Фæнды йæ, цӕмӕй, маяк йӕ рухсӕй наутӕн фӕндаг куыд амоны, афтæ уый дæр здаха фæсифæды æргом аивады рдæм. Форумы йæ цы грантæй схорзæхджын кодтой, уымæй балхæдта æрмæг, бацæттæ кодта бæстыхай æмæ райдыдта сывæллæтты ахуыр кæнын. Ныр афӕдзы дæргъы сывæллæттæ сфæлдыстадон къорды архайынц лæвар. Сæ æнтыстдзинæдты тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Фæрдгуытæ цалдæр хуызы, хъулон æндæхтæ, æрттиваг ахорæнтæ æмæ æнæкæрон уарзт аивадмæ. Афтæ райдайынц ахуыртæ студи «Маяк»-ы. Ам æрыгон курдиатджын ахуыргæнæг Агънаты Мæдинæ æнæвгъауæй лæвар кæны сывæллæттæн йæ зонындзинæдтæ. Уыдон та лæмбынæг кæсынц йæ алы фезмæлдмæ дæр. Абон ам хъуамæ сывзæра сабиты къухтæй конд хъазæнтæ. Годжыцаты Данæйыл цæуы 9 азы, фæнды йæ нывгæнæг суын, цæуы сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзармæ. Ахуырты тыххæй базыдта интернеты тыгъдады. Цымыдисаг æм фæкасти æмæ сфæнд кодта бафæлварын. Болататы Миленæ та цæуы ардæм 2 мæйы. Фидæны йæ фæнды сæрылвынæджы дæсныйад райсын. Хи къухæй конд дзаумæттæ йæ зæрдæмæ уæлдай фылдæр цæуынц. Рагæй агуырдтой йæ мадимæ ахæм сфæлдыстадон къорд. Йæ `мкъласон ам вæййы, уый куы базыдта, уæд уый дæр йемæ цæуын райдыдта. Агънаты Мæдинæ йæ чысылæй нырмæ архайы спортæй, фехтованийæ у спорты дæснымæ кандидат. Кусы физкультурæйы ахуыргæнæгæй дæр. Фæлæ ма уыимæ иумæ фæлвæрдта бийын æмæ хуыйын. Арæзта браслеттæ æмæ хъазæнтæ. 2019-æм æмæ 2020-æм азты бацархайдта фæсивæдон форум «Машук»-ы. Уым равдыста проект декоративон-сфæлдыстадон куыст кæныны тыххæй. Студи «Маяк» куы байгом, уæдæй нырмæ дзы Мæдинæ гранты фæрцы сывæллææттимæ кусы лæвар. Равдыста дзы 40 дæсныйад æвдисæн ахуыры 200 адæймагæй фылдæрæн. Уыдон сты Æрыдоны районы сывæллæттæ, скъолаты æмæ колледжы ахуыргæнинæгтæ, æххуысцух адæм. Алы ахуыры дæр вæййы 10 сывæллонæй фылдæр. Ацы аз форумы цы проектимæ бацархайдта, уый баст у ирон национ тематикæимæ. Зæрдæ дары, ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтæ йæ къухы кæй бафтдзысты æмæ сывæллæттимæ дарддæр афтæ зæрдæргъæвдæй кæй архайдзæн, ууыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фæсивæдон форум «Машук-2019»-ы уæлахиздзау сывæллæтты ахуыр кæны декоративон сфæлдыстадыл

Категория:

Новости и СМИ