Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу
Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу — Ураза-Байрам. Сæумæрайсом уырнæг адæм цыдысты Дзæуджыхъæуы Суниттаг мæзджытмæ. Ацы бон фæвæййы цытджын комдарæны мæй Рамадан. Ураза-Байрам у сыгъдæг уды бæрæгбон. Адæм кæрæдзимæ цæуынц уазæгуаты, æвæрынц бæркадджын фынгтæ. Æгъдаумæ гæсгæ æххуыс кæнынц фæкæсинаг бинонтæн дæр. Уырнæг адæм ком дардтой 30 боны. Дины нысанмæ гæсгæ, йæ мидис æрмæст уый нæу, æмæ адæм нæ хæрынц, фæлæ, æппæты фыццаг, йæ фæрцы сыгъдæгдæр кæнынц сæ миддуне, се нкъарæнтæ, сæ хъуыдытæ. Ураза-Байрам у нæ бирæнацион республикæйы цæрджыты иугæнæг бæрæгбæттæй иу. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу
Категория:
Новости и СМИ