«Ирвæзынгæнджыты æппæтуæрæсеон студентон корпус»-ыл сæххæст 20 азы
20 азы размæ нæ бæстæйы фæзынд æппæты стырдæр студентон организацитæй иу - «Ирвæзынгæнджыты æппæтуæрæсеон студентон корпус». Юбилейы фæдыл йæ архайджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта дзуапдæттæг кусæндоны разамонæг Александр Хоружий. Хуыздæр бархионты схорзæхджын кодта кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн майдантæй. 2019 азы æнæнхъæлæджы цауты министрады цæгатирыстойнаг управлени корпусимæ бафыста æмгуыстады бадзырд. Ацы аз арæзт æрцыдысты иумæйаг мадзæлттæ. Сæйраг лæвар та сси бархионтæн æххуысы Цæгат-Кавказы ресурсон центры ног бæстыхай. Уым ахуыр кæнынц æдасдзинады мадзæлттыл æмæ æрдзон фæстиуджытæ раст иуварс кæныныл. Абон дзы сарæзтой гом дуæртты бон. Уазджыты базонгæ кодтой ресурсон центры авналæнтимæ. Равдыстой мобилон скалодром, фыццаг медицинон æххуыс бакæнынæн дæсныйадæвдисæн ахуыртæ, уыимæ, нырыккон домæнтæн дзуапдæттæг ног кусæнгарз. Фидæны центры фæзындзæн хигъдауæй кусæг мобилон къордтæ. Уыдон æххуыс кæндзысты æрдзон бæллæхты фæстиуджытæ иуварс кæныны мадзæлтты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Ирвæзынгæнджыты æппæтуæрæсеон студентон корпус»-ыл сæххæст 20 азы
Категория:
Новости и СМИ