Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынтыл бафтыд 30 адæймаджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынтыл бафтыд 30 адæймаджы. Дохтыртæ нысан кæнын хæсцгæниз кæй парахат кæны, уый тыххæй тæссаг уавæр. Пандемийæйы райдиан республикæйы фæрынчын сты 227-йæ. Уæрæсеимæ арæнтæ куы байгом сты, уæдæй нырмæ - 137 адæймаджы. Хуссар Ирыстоны Гигиенæ æмæ эпидемиологийы центры сæйраг дохтыр Томайты Зæлинæйы ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд суткæмæ сарæзтой 132 иртæсты. Рынчынтæ дзæбæх кæнынц сæ хæдзæртты, фæлæ кæцыдæрты бахъуыд госпитализаци. Сæйраг санитарон дохтыр Кочиты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй коронавирус кæмæ ис, уыдон рæуджыты низæй дæр тыхсынц. Раздæр уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй Хуссар Ирыстоны скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ сæхгæдтой карантины. Бирæвæрсыг медицинон центры сывæллæтты рынчындон ифтонг æмæ цæттæ кæнынц низ куы апарахат уа, уæдмæ. Бахъуаджы рæстæг уагдон æххуыс кæндзæн COVID-19-æй 100 рынчынæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынтыл бафтыд 30 адæймаджы

Категория:

Новости и СМИ