Прокуратурæйы хуыздæр кусджытæн раарфæ кодта РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Дзанайты Барис
Арфæйы ныхæстæ ирон театры абон ракодтой прокуратурæйы кусджытæн. Мадзал ацыд коронавирусы ныхмæ æппæт нысангонд домæнтæ хынцæйæ. Æрбахизæны бæрæг кодтой QR-кодтæ æмæ ПЦР-тест кæй хонынц, уый. Историон боны фæдыл ведомствойы кусджытæн раарфæ кодта хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Фæнысан кодта, Цæгат Ирыстоны барадон фæткæвæрд аразынадмæ цы егъау ӕвӕрӕн хæссынц, уый. Расидт, цæмæй цæрджыты курдиæттæм афойнадыл æмæ, куыд æмбæлы, афтæ сæ хъус дарой. Хуыздæр кусджытæ æмæ ветерантæ райстой хæрзиуджытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv