Архонкæйы фæрсты цæуæг фæндаг байгом кæндзысты 2027-æм азы кæрон
Архонкæйы фæрсты цæуæг фæндаг байгом кæндзысты 2027-æм азы кæрон. Куыстыты цыды тыххæй йæ социалон хызты фехъусын кодта фыццаг вице-премьер Атарты Георгий. Цалдæр уадздзагыл цæттæ у бындур. Ныртæккæ æвæрынц фæндаджы фæлтæртæ æмæ фидар кæнынц фæрстæ. Цæмæй транспорты змæлд сног кæной, уый тыххæй уал хæдтулгæтæн бар ис иу тæлмыл цæуынæн. Уыцы иу рæстæг æвæрынц цæджындзтæ фæндаджы æртæ егъау объектыл - дыууæ ацæуæны æмæ Джызæлдоны сæрты хид. Арæзтад æххæст кæнынц национ проект «Инфраструктурæ цæрынæн»-ы фæлгæты. Куыстыты иумæйаг аргъ у 2 млрд æмæ 500 милуан сомы. Фæнысан кæндзыстæм, Архонкæйы фæрсты цæуæг фæндаг суæгъд кæндзæн республикæйы цæрæн пункттæ транзитон транспортæй æмæ фæбæрзонддæр кæндзæн æдасдзинад, фæнысан кодта Атарты Георгий.
Название:
Архонкæйы фæрсты цæуæг фæндаг байгом кæндзысты 2027-æм азы кæрон
Категория:
Новости и СМИ