Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæм æххуысагур æрбацыдысты дыууæ бынæттон цæрæджы
Чырæ телефонæй адæмы чи сайы, уыдон бонæй-бонмæ кæнынц æрхъуыдыджындæр. Ныридæгæн дæр банчы картæтимæ æмæ смс-хъусынгæнинæгтимæ сайыны схемæтæ бирæ сты. Знаггадгæнджытæ æрбадзурынц чырæ телефонмæ æмæ сæхи бацамонынц банчы кусæгæй. Дарддæр банчы мæнг кусæг йæхиуыл баууæндын кæны æмæ картæйы хицауæй расайы хъæугæ информаци. Фыдгæнджыты амæттаг фæци Дзæуджыхъæуы цæрæг-сылгоймаг. Йæ электрон чыссæ йын раафтид кодтой 200 мин сомы бæрц. Банчы мæнг кусæджы курдиат сæххæст кæнгæйæ, сылгоймаг цæстфæлдахджытæн фадат радта, цæмæй йын йæ картæйæ уайтагъд дæр æхцайы фæрæзтæ æнцонтæй сисой. Пъæлицæйæгтæм ма æххуысагур æрбацыд æндæр сылгоймаг. Уый дæр афтæ баууæндыд фæлитой митыл æмæ дзы 30 мин сомы расайдтой. Дыууæ цауы фæдыл дæр ныртæккæ цæуы слест. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ сидынц адæммæ, цæмæй уой къæрцхъусдæр, æнæзонгæ адæмыл ма æууæндой æмæ хи тыххæй информаци æнæбары макæмæн хъусын кæной. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæм æххуысагур æрбацыдысты дыууæ бынæттон цæрæджы
Категория:
Новости и СМИ