Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц сывæллæтты улæфæн рæстæгмæ
Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц сывæллæтты улæфæн рæстæгмæ. Сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанийы мадзæлттыл дзырдтой сæрмагонд къамисы æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта вице-премьер Азымты Иринæ. Ныхас кодтой хойрæгты хæрзхъæддзинадыл, зынгсирвæзтыты ныхмæ æдасдзинадыл, объектты уавæрыл æмæ дæсны специалистты бацæттæ кæныныл. Фæллой æмæ социалон рæзты министрады кусджыты ныхæстæм гæсгæ сывæллæттæ ацы аз баулæфдзысты 125 лагеры. Сæхи дзæбæх кæнынмæ дзы цæудзысты 9 мин сабийы, уыдонæй 6 мины цæудзысты ахуырадон кусæндæтты бындурыл арæзт лагерьтæм. Уæлдай æргом, куыд раздæр, афтæ бæрнон кусджытæ здахынц уæззау уавæры æмæ æххуысцух бинонты хъомылгæнинæгтæм. Сæрдыгон сфæлдыстадон фæлтæр 30 ахæм сывæллонæй сараздзысты республикæйы аивæдты лицейы. Дыууæ инклюзивон фæлтæры кусдзæн Тæмисчъы центры. Азымты Иринæ фæсидт сывæллæттæн сæ рæстæг æдасæй æмæ пайдаимæ æрвитынæн æппæт хъæугæ мадзæлттæ дæр аразынмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц сывæллæтты улæфæн рæстæгмæ
Категория:
Новости и СМИ