Дзæуджыхъæуы Ног азы агъоммæ фæзынд бæрæгбоны 20 фæзы
Дзæуджыхъæу цæхæртæ скалдта. Горæт срæсугъд кодтой Ног азы бæрæгбонмæ. Ирд цырæгътæ æмæ инсталляцитæ адæмы цæсты ахадынц. Уынгтæ, æхсæнадон бынæттæ æмæ Терчы былгæрон ацы аз уæлдай рæсугъддæр банывыл кодтой. Дзæуджыхъæуы уынгтæ, парктæ, хидтæ, сæ хуыз скалдтой. Се ’рвылбоны дарæс раивтой алыхуызон инсталяцитæ æмæ рухсытæй. Аив уынгтæм кæсгæйæ, цæрджытæ цин кæнынц. Æнхъæлмæ кæсынц Ног Азы æрцыдмæ. Сабырдзинады проспекты, Сæрибары фæзы, Фонтанты фæзы изæрыгæтты адæм бирæгæйттæй æмбырд кæнынц. Ацы аз бæрæгбæтты рæстæг хъæлдзæгæй арвитæн ис 20 фæзы. Се 'хсæн къамисæн бынæттæ æмæ алыхуызон армукъатæ. Рæсугъд бынæттæ кæд бирæ сты, уæддæр горæты цæрджытæн фæзынд уарзондæр фæзтæ. Уæдæ бæрæгбоны заз бæлæстæ дæр горæты сты цалдæр. Æвзæр эпидемиологон уавæр кæй сæвзæрд, уымæ гæсгæ ацы аз Дзæуджыхъæуы сæйраг заз бæлас кадджын уавæры нæ байгом кодтой. Ацы аз горæт срæсугъд кодтой ног хуызы. Хетæгкаты Къостайы номыл паркы бæрæгбонæн снысан кодтой стыр фæз, уым йæ ног хæдзары дуæрттæ байгом кæндзæн Митын Дада дæр. Алыхуызон аив рухсыты бынмæ дзы фадат уыдзæн къамтæ исынæн дæр. Уазиты Зæлинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы Ног азы агъоммæ фæзынд бæрæгбоны 20 фæзы
Категория:
Новости и СМИ