Цæгат Ирыстоны кусын райдыдтой скъолаты ирхæфсæн лагерьтæ
Республикæйы йæ тæмæны бацыд сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани. Скъолаты сæ куыст райдыдтой лагерьтæ. Экскурситæ, спортивон æмæ сфæлдыстадон къордты архайд, алыхуызон хъæзтытæ. Тынг цымыдисаг æмæ егъау программæ. Афтæ райдайы Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы дзæбæхгæнæн лагерæн йæ алы бон дæр. Райсомы 9 сахатыл сывæллæттæ се уæнгтæ аивазынц физкультурæйы рæстæг, æмæ сын уый, æнæмæнг, фæхуыздæр кæны сæ зæрдæйы ахаст. Фæстæдæр та скæнынц аходæн. Æмæ уæд райдайы сæ ирхæфсæн рæстæджы æппæтæй цымыдисагдæр хай. Сæ хъомылгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æрвылбон сабитæн вæййы экскурситæ, фадат сын ис спортивон секцитæ æмæ музыкалон къордты архайынæн. Сывæллæттæ ардæм цæуынц тынг зæрдиагæй. Сывæллæттимæ хъæуы къæрцхъус уæвын. Уымæ гæсгæ, æдасдзинад ис фыццаг бынаты, зыгъы скъолайы разамынд. Ардæм бацæуæн ис æрмæст сæрмагонд æвдисæндартæм гæсгæ. Рад хæссынц скъолайы педагогтæ æмæ хъалагъуртæ. Лагерь байгом кæныны агъоммæ та фæзуатмæ æркастысты сæрмагонд специалисттæ. Ахсджиаг у, цæмæй уагдæттæ дзуапп дæттой æппæт æдасдзинады домæнтæн дæр. Шахматтæ æмæ кафджыты фæстæ сывæллæттæ 31-æм скъолайы ацæуынц сихор кæнынмæ. Уый фæстæ та ногæй хъæзтытæ. Хъомылгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллæттæн иу минут дæр нæ вæййы уæгъд рæстæг. Æмæ уый сæхи зæрдæмæ дæр цæуы. Лагерь кæй байгом, уый сывæллæттæн бæрæгбон у. Сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæг ам баулæфдзæн дыууæ къорды. Ацы сывæллæтты иннæтæ аивдзысты июлы. Хъомылгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, ам баулæфын кæй фæнды, уыдоны нымæц чысыл нæу. Алы скъолайæн дæр ис хицæн программæ. Ацы аз 5 мин сывæллонæй фылдæр сæ фæлладуадзæн рæстæг арвитдзысты лагерьты. Дзæуджыхъæуы скъолаты бындурыл æдæппæтæй кусы 31. Гугкаты Иринæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны кусын райдыдтой скъолаты ирхæфсæн лагерьтæ
Категория:
Новости и СМИ