Рог атлетикæйæ республикон ерыстæ райдыдтой Дзæуджыхъæуы
Рог атлетикæйæ республикон ерыстæ райдыдтой Дзæуджыхъæуы
Рог атлетикæйæ республикон ерыстæ райдыдтой Дзæуджыхъæуы. Дыууæ бонмæ сæ тыхтæ æвзардзысты 300 спортменæйы фылдæр. Се 'хсæн Цæгат Ирыстон, Дагестан, Кæсæг-Балхъар æмæ Стъараполы крайы минæвæрттæ. Архайджыты кар, 16 азæй 23 онг кæуыл цæуы, уыдон. Иууылдæр ерыс кæнынц тезгъо кæнынæй æмæ дæргъмæ гæппытæй. Ацы турнир у æвзарæн къæпхæн Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионатмæ. Ацæудзæн январы Стъараполы.