Ног азы бæрæгбæттӕм аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы снысан кæндзысты уæлæмхасæн рейсытæ
Ног азы бæрæгбæттӕм аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы снысан кæндзысты уæлæмхасæн рейсытæ. Афтæмæй, Мæскуыйы рейсытæм бафтаудзысты ноджы дыууæ. Авиакомпани «Победа» 24-æй 31-æм декабры онг мæскуйаг аэропорт «Внуково»-мæ æрвитдзæн уæлæмхасæн рейс райсомæй. Авиакомпани S7 Airlines йæ бæлццæттæн 25 декабрæй 11 январы онг снысан кодта аэропорт «Домодедово»-мæ уæлæмхасæн рейс райсомæй. Уыцы бонты ма авиакомпани Smartavia æрвылбон рейсытæ кæндзæн «Домодедово»-мæ изæрыгон. Авиакомпани «Ютэйр» уæлæмхасæн райсомы рейс Мæскуымæ снысан кæндзæн 27-æм æмæ 30-æм декабры. Нысангонд æрвылбоны рейсыты фæтк ивд не 'рцыд. Раздæрау Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджытæн сæ бон спайда кæнын у цыппар рейсæй. Афтæмæй, Ног Азы бæрæгбæтты рæстæг Мæскуымæ уыдзæн 8 авиарейсы. Уымæй уæлдай ма хæдтæхджытæ Дзæуджыхъæуæй фæндараст кæндзысты Петербург æмæ Сочимæ дæр. Ног Азы агъоммæ бæлццæтты нымæц зынгæ фæфылдæр вæййы. Фæлæ аэропорт цæттæ у бæлцæттæн лӕггад кӕнынмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног азы бæрæгбæттӕм аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы снысан кæндзысты уæлæмхасæн рейсытæ
Категория:
Новости и СМИ