Ацы аз апрелы курорт «Мамысон»-ы арæзтадон куыстытæ райдайдзысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд «Кавказ.РФ»-ы разамонæг Хасан Тимижевимæ, стӕй дзуапдæттæг ведомствоты æмæ куыстуæтты минæвæрттимæ. Æрдзырдтой курорт «Мамысон»-ы арæзтады фарстатыл. «Кавказ.РФ»-ы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ныртæккæ фидæны курортӕн йӕ фыццаг къæпхæны арæзтад нысангонд æрцыд. Уырдæм хауынц 2 рӕтӕнвæндаджы æмæ фæндæгты 15 километры. Проектон-хыгъдон гæххæттытæ сты цæттæ. Сбæрæг кодтой куыстытæ æххæстгæнæджы дæр. Арæзтадон куыстытæ райдайдзысты ацы аз апрелы. Регионы разамонæг фæнысан кодта, инвестортӕй уӕлдай ма курорт цымыдис кӕй кæны егъау бизнесы минӕвӕртты дæр. Ныридæгæн кусынц арæзтады дыккаг æмæ иннæ къæпхæнты мастер-плантыл. 2025-æм азмæ фæнд кæнынц фæфылдæр кæнын курортӕн йӕ фæндæгты дæргъ 41 километры онг. Рæтæнвæндæгтыл ма бафтдзæн 5. Æдæппæтæй 2030-æм азмӕ, проектмæ гæсгæ, ам арæзт æрцæудзӕн трассæйы 73 километры. Фыццаг азты курорты уыдзæн 100 мин адӕймагӕй фылдæр суазæг кæныны фадат. 2030-æм азæй та туристты бæрц фæфылдæр уыдзæн афæдзмæ 700 мин адæймаджы онг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv